Фынæйгонд рæсугъд
Цардысты æмæ уыдысты паддзах æмæ йæ ус. Зæнæг сын нæ уыди æмæ ууыл тынг хъынцъым кодтой.
Фæстагмæ паддзахы усæн райгуырди чызг.
Ноггуырды тыххæй паддзах хорз куывд скодта. Куывдмæ æрбахуыдтой, паддзахады цыдæриддæр зинæй разындис, уыдонæн се ’ппæты дæр. Разындис дзы æрмæст авд зины.
Алы зин дæр хъуамæ паддзахы чызгæн исты хорздзинад ралæвар кодтаид. Уыцы рæстæджы æгъдау афтæ уыдис.
Изæры паддзахы галуаны уыдис стыр куывд. Зинтæй алкæй раз дæр фынгыл æрæвæрдтой сызгъæрин къоппы мидæг: уидыг, вилкæ æмæ кард сыгъдæг сызгъæринæй, налхъуыт-налмасæй æрттывтой, ахæмтæ.
Хуынд адæмæй алчидæр йæ бынаты куыддæр сбадти, афтæ ма фæзынди иу æнæхуынд уазæг. Уый уыдис зæронд зин, йæ галуаны фæндзай азы дæргъы æддæмæ æнæ ракæсгæ чи фæбадти, ахæм. Уый куывдмæ хуынд нæ уыди, уымæн æмæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, раджы амарди.
Паддзах дзырд радта, зæронд усы раз дæр сызгъæрин кард, вилкæ æмæ уидыг сызгъæрин къоппы мидæг куыд æрæвæрой, афтæ. Фæлæ уый фадат нæ уыди, уымæн æмæ уидгуытæ, кæрдтæ æмæ вилкæтæ саразын кодтой æрмæст авд зинæн.
Зæронд зинæн хъыг уыдис уый æмæ йæхинымæр куыддæр бартхъирæн кодта. Йæ фарсмæ цы æрыгон зин бадти, уый катайы бацыдис, ацы зæронд мацы хин скæнæд паддзахы ноггуырд чызгæн, зæгъгæ. Куывды адæм куы сыстадысты, уæд уыцы æрыгон зин дуарæмбæрзæны фæстæ амбæхсти, цæмæй йæ лæвар æппæты фæстæ зæгъа, мыййаг зæронд зин исты хин куы сараза паддзахы чызгæн, уæд ын цæмæй истæмæй баххуыс кæна, уый тыххæй.
Уалынмæ зинтæ райдыдтой дзурын паддзахы чызгæн сæ лæвæрттæ. Æппæты кæстæр зин лæварæн загъта — паддзахы чызг адæмæн се ’ппæтæй рæсугъддæр уыдзæни; дыккаг загъта — паддзахы чызг тынг зæрдæхæлар уыдзæни; æртыккаг загъта — къухæй дæсны уыдзæни; цыппæрæм загъта — адæм ыл дис кæндзысты, ахæм кафаг уыдзæни; фæндзæм загъта — булæмæргъау зараг уыдзæни; æхсæзæм загъта — фæндырæй цæгъдынмæ тынг дæсны уыдзæни.
Зæронд зины рад æрзылди. Ралæууыд размæ, йæ сæр фыр мæстæй тилы æмæ дзуры: «Паддзахы чызг йæ къух æлхуыйæ фæрæхойдзæни æмæ уымæй амæлдзæни».
Адæм ахæм æбуалгъ хабар куы фехъуыстой, уæд фæйнæрдыгæй джихæй аззадысты, бирæтæ та сæ цæсты сыг нæ баурæдтой æмæ скуыдтой.
Фæлæ дуарæмбæрзæны фæстæ цы зин бамбæхсти, уый рахызти æмæ загъта:
— Паддзах æмæ паддзахы ус, тæрсгæ ма кæнут, уæ чызг мæлгæ нæ акæндзæн! Раст зæгъын хъæуы, хистæры фæндон бынтон аивын мæ бон нæу. Уæ чызг йæ къух æлхуыйæ æцæг фæрæхойдзæн. Фæлæ уын зæгъын, мæлгæ нæ акæндзæн, фæлæ тарф фынæй бауыдзæн. Уыцы фынæй ахæсдзæн сæдæ азы. Сæдæ азы фæстæ фæзындзæни сахъгуырд — паддзахы фырт æмæ йæ уый райхъал кæндзæни.
Зæронд зины фæндон цæмæй не ’рцæуа æмæ паддзахы чызг æнамонд хабарæй хызт уа, уый тыххæй паддзах дзырд радта, уыцы бонæй фæстæмæ æлхуыйæ куыд ничи уал æлвиса, афтæ.
Рацыдис æхсæрдæс азы. Иу бон паддзах йæ усимæ араст сты, горæты æдде сын цы фидар уыди, уырдæм. Паддзахы чызг уæттыл зилгæйæ куыддæр æгъдауæй сæфтыди мæсыджы сæр иу чысыл уатмæ. Бадтис дзы цавæрдæр зæронд ус иунæгæй æмæ æлхуыйæ цыдæр æлвыста. Æвæццæгæн, æлхуыйæ æлвисыны тыххæй паддзах цы дзырд радта, уый уымæ нæ бахæццæ.
— Уый та цы ми кæныс, нана? — афарста зæронд усы паддзахы чызг.
— Æлвисын, мæ хъæбул, — дзуапп ын радта зæронд ус, паддзахы чызг у, уый нæ базыдта, афтæмæй.
— Цы дзæбæх у, цы! — цингæнгæ загъта паддзахы чызг. — Æмæ куыд æлвисыс? Æри-ма, æз дæр æй бафæлварон.
Чызг æлхуый куыддæр йæ къухмæ райста æмæ йæ аздыхта, афтæ æлхуыйы цыргъ йæ къухы бауад æмæ чызг йæ мидбынаты æрхаудта.
Зæронд ус фæтарсти æмæ фæдис ныхъхъæр кодта. Паддзахы лæггадгæнджытæ фæйнæрдыгæй æрбазгъордтой. Чызджы цæсгомыл дон калдтой, йе ’гънæджытæ йын суагътой, йæ къухтæ йын æууæрстой, йæ къæмисæнтæ йын дзымарийæ сæрстой, фæлæ йын уыдæттæй ницы уал баххуыс кодтой.
Уæд паддзахы зæрдыл æрлæууыдысты дыууæ зины ныхæстæ. Йæ чызджы сæвæрын кодта сызгъæринæй астæрд сынтæгыл æмæ йæ бахæссын кодта, йæ галуаны хуыздæр цы уат уыди, уырдæм. Паддзахы чызг цæстæй нал касти, фæлæ йæ сабыр улæфтмæ гæсгæ бæрæг уыдис, мард кæй нæу, уый. Чызг кæд тарф фынæй уыди, уæддæр йæ хуыз нæ аивта: йæ рустæ сырхфарс фæткъуыйау, йæ былтæ дæр уыцы рæсугъд уыдысты. Паддзах дзырд радта, йæ чызг цалынмæ йæхæдæг райхъал уа, уæдмæ йæм куыд ничи цæуа æмæ йæ куыд ничи хъыгдара, афтæ.
Уыцы æнамонд хабар куы æрцыди, уæд хæрзмæ аудæг зин, паддзахы чызджы мæлæтæй чи фервæзын кодта, уый цардис дард зинты бæсты. Фæлæ хабар уайтагъддæр бамбæрста, æмæ цæсты фæныкъуылдмæ паддзахы галуаны æрбалæууыди артынуæрдоны, залиаг кæлмытæ дзы ифтыгъд, афтæмæй. Паддзах æй куы ауыдта, уæд йæ размæ рауади æмæ йæ уæрдонæй раргъæвта.
Зин, паддзахы чызг æвæрд кæм уыди, уыцы уатмæ бацыди, бакасти фынæй чызгмæ æмæ ахъуыды кодта: «Сæдæ азы фæстæ куы райхъал уа, уæд иунæгæй цы кæндзæни ацы зæронд фидары?».
Уæд зин бавдæлд æмæ паддзахы галуаны паддзах æмæ йæ усæй фæстæмæ цыдæриддæр адæм уыди: фæсдзæуинæй, æххуырстæй, лæггадгæнæгæй, хъахъхъæнæгæй, дуаргæсæй æмæ æндæрæй, се ’ппæтыл дæр аныдзæвын кодта йæ хины лæдзæг. Аныдзæвд йæ лæдзæгæй бæхтыл, бæхтæм зилджытыл, куыйтыл дæр, суанг ма паддзахы чызгæн йæ чысыл къæбыла Пуфикыл дæр, уый та хуыссыди паддзахы чызгæн йæ сынтæджы раз.
Хины лæдзæг-иу кæуыл аныдзæвд, уый-иу уайтагъд бафынæй. Уый афтæ уымæн бакодта, цæмæй уыдон дæр паддзахы чызгимæ иумæ райхъал уой æмæ йын лæггад кæной. Суанг ма зынгтыл физонæг кодтой хуыргæрчытæ æмæ æндæр алы мæргътæ уæхстытыл кондæй æмæ уыдон дæр, стæй зынгтæ дæр баззадысты, куыд уыдысты, афтæмæй. Зин уыцы хъуыддæгтæ иууылдæр бакодта цæсты фæныкъуылдмæ.
Паддзах æмæ йæ ус сæ фынæйгонд чызгæн аба кодтой æмæ рацыдысты фидарæй. Паддзах радта дзырд, цæмæй фидармæ æввахс дæр мачи уал цæуа. Уæвгæ ахæм дзырд раттын хъæугæ дæр ницæмæн кодта, уымæн æмæ фидары алыварс минутмæ уыйбæрц бæлæстæ, уыйбæрц сындз æмæ дзедыры къутæртæ æрзади, æмæ фидармæ адæймаг æмæ сырд бацæуæн нæ, фæлæ йæм маргъ батæхæн дæр нал уыди. Бæлæсты аууонæй ма зындысты мæсгуытæн æрмæст сæ цъуппытæ, уый дæр дардæй бакæсгæйæ. Уый афтæ сарæзта хæрзмæ аудæг зин, цæмæй паддзахы чызджы фынæй кæнын мачи хъыгдара.
Афтæ рацыди сæдæ азы. Иу ахæмы сæ сыхаг паддзахы фырт цуан кодта уыцы мæсгуытæм хæстæг рæтты. Йемæ цуаны чи уыди, уыдоны фæрсы, уæртæ уыцы тар хъæды æдде та цавæр мæсгуытæ зыны, зæгъгæ.
Адæмæй йын алчи дæр дзырдта, мæсгуыты тыххæй сæ чи цы фехъуыста, уый. Иутæ дзырдтой — уый зæронд фидар у æмæ дзы адæмы хуызы цыдæртæ рацæуы; иннæтæ та дзырдтой — ацы зылдæй уырдæм æрæмбырд вæййынц дæлимонтæ. Аннæтæ та йын дзырдтой — уым цæры лæгхор æмæ йæхимæ хæстæг никæй уадзы, зæгъгæ.
Паддзахы фырт нал зыдта, кæмæ сæ хъуса, уый. Уыцы рæстæджы йæ размæ балæууыди иу зæронд лæг æмæ йын загъта:
— Де стырдзинад, фæндзай азы размæ фехъуыстон мæ фыдæй, уыцы фидары, дам, фынæй кæны паддзахы чызг, бæстыл уымæй рæсугъддæр нæй, ахæм. Хъуамæ дзы фæфынæй кæна сæдæ азы.
Æмæ, дам, æй хъуамæ райхъал кæна паддзахы фырт, усагæн нысангонд кæмæн у, уый.
Паддзахы фырт уыцы хабар куыддæр фехъуыста, афтæ бауынаффæ кодта, цыфæндыйæ дæр, фидармæ бацæуын æмæ йын йæ сусæгдзинад базонын.
Паддзахы фырт куыддæр хъæды кæронмæ бахæццæ, афтæ уыцы тар хъæды бæлæстæ, сындз къутæртæ фæйнæрдæм алæууыдысты æмæ йын фæндаг радтой фидармæ. Бæлæсты фале зындис фидар; уырдæм батындзыдта паддзахы фырт. Йемæ цы адæм уыди, уыдонæй йæ бон никæмæн баци йæ фæдыл ацæуын. Паддзахы фырт куыддæр хъæдæй ахызт, афтæ та бæлæстæ дæр фæстæмæ æрбангом сты. Паддзахы фырт стыр дис кодта, фæлæ тæрсгæ нæ фæкодта, размæ æдæрсгæ цыди.
Уалынмæ бахызти фидары кæртмæ. Кæрты алырдæм куы акасти, уæд фыр дисæй йе уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой. Мæрдты бæстау сабыр. Алы ран дæргъытæй лæууыдысты адæм æмæ фос, цыма мæрдтæ уыдысты, уыйау. Фæлæ паддзахы фырт дуаргæстæн сæ цæсгæмттæм куы бакасти æмæ иууылдæр сырхуадултæ куы уыдысты, уæд уайтагъддæр бамбæрста, уыдон фынæй кæй сты, уый. Сæ къухты цы нуазæнтæ уыди, уыдон бын ма цы сæны цъырттытæ баззади, уыдонмæ гæсгæ бæрæг уыди, хуыссæг сæ минасгæнгæйæ кæй æрæййæфта.
Паддзахы фырт бацыди стыр кæртыл, йæ бын мрамор-дурæй астæрд. Асинтыл уæлæмæ ссыди æмæ бахызти тыргътæм. Уым рæнхъæй лæууыдысты хъахъхъæнджытæ æд топпытæ æмæ сæ хуыр-хуырæй бæстæ хастой. Арасти дарддæр, уæттæй кæуылты цыди, уым алы ран дæр уыдта фынæй адæмы. Фæстагмæ бахæццæ, паддзахы чызг цы уаты æвæрд уыди, уырдæм. Уыцы ран паддзахы фырт ауыдта, йæ цæрæнбонты кæй никуы федта, ахæм диссаг. Хæрз аив, хæрз æфснайд сынтæгыл хуыссыди паддзахы чызг. Йæ бакастмæ гæсгæ йыл æхсæрдæс азæй фылдæр нæ цыдаид. Рæсугъдæй та афтæ рæсугъд уыди, æмæ йæм цæстытæ нæ лæууыдысты.
Паддзахы фырт тæрсгæ-ризгæ сынтæгмæ хæстæг балæууыди æмæ йæ зонгуытыл æрлæууыд. Уыцы минут хинтæ цыдæр фесты, паддзахы чызг райхъал, уарзон каст бакодта паддзахы фыртмæ æмæ йæм сдзырдта:
— Уый ды дæ, паддзахы фырт? Бирæ æнхъæлмæ кæсын дæм бахъуыди! Ахæм уарзон ныхæстæ фехъусгæйæ ма фыр цинæй цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта паддзахы фырт. Уайтагъддæр чызгæн райдыдта ныхæстæ кæнын. Дзырдта йын, йæхи удæй йæ фылдæр кæй уарзы, уый.
Паддзахы чызгимæ иумæ райхъал сты, фидары цы адæм фынæй кодта, уыдон се ’ппæт дæр: æххуырстæй, хъахъхъæнæгæй, хæринаггæнæгæй, дуаргæсæй, бæхтæм зилæгæй, æндæрæй — алчи дæр дзы бавнæлдта йæ куыстмæ.
Паддзахы фырт чызджы сыстын кодта хуыссæнæй. Чызджы уæлæ уыди зынаргъ дарæс, хорз дарæс. Æцæг уыдысты, раджы заманы, сæдæ азы размæ кæй дардтой, ахæм дарæс. Фæлæ уымæй йæ рæсугъддзинад къаддæр нæ кодта.
Паддзахы фырт æмæ паддзахы чызг ацыдысты уазæгдонмæ æмæ сбадтысты æхсæвæр хæрыныл. Лæггадгæнджытæ уайтагъд æрбахастой алы хæринаг, алы нозт. Фæндырæй цæгъдджытæ та алы рæсугъд цæгъдтытæ кодтой æмæ дыууæ уарзоны хъæлдзæг дардтой.
Æхсæвæр куы ахицæн, уæд паддзахы фырт æмæ чызг саргъуыдтой æмæ йæ паддзахы фырт йæхимæ аласта.
ЗИН
Иу идæдз усæн уыди дыууæ чызджы. Хистæр чызг уыди йæ мады хуызæн цæсгомæй дæр æмæ уагæй дæр — фыдуаг æмæ æнæцæстуарзон.
Кæстæр чызгта йæ фыды хуызæн: хæларзæрдæ, уымæй рæсугъд.
Мад хистæр чызджы тынгдæр уарзта, йæхи хуызæн кæй уыди, уый тыххæй. Кæстæр чызджы та уарзгæ нæ кодта. Хæдзары куыстытæ иууылдæр баргъæвта уый æккой, хæринаг ын хаста тыргътæм, хæдзармæ йæ нæ уагъта.
Иннæ куыстытæй уæлдай ма кæстæр чызгæн хæссын кодта дардæй дон, бон дыууæ хатты стыр дурыны мидæг.
Иу хатт кæстæр чызг донмæ ацыди. Суадоны донæй цалынмæ дурын дзаг кодта, уæдмæ йæ цуры æрбалæууыди иу зæронд мæгуыр ус. Æмæ йæм дзуры:
— Дон ма мын аназын кæн, хорз чызг.
— Табуафси, мæ мады хай, — дзуапп ын радта рæсугъд чызг.
Йæхæдæг тагъдгомау дурын ранхъæвзта, суадонæй дзы дон фелвæста æмæ йæ балæвæрдта зæронд усмæ. Дурыныл дæр ма йын хæцыди, зæронд усæн æнцондæр нуазæн куыд уыдаид, афтæ.
Зæронд ус дон куы банызта, уæд загъта чызгæн:
— Ды ахæм зæрдæхæлар, ахæм уæздан дæ, æмæ дын мæ зæрды лæвар ракæнын ис.
(Уый та уыди зин, æмæ чызджы бафæлварыны тыххæй йæхи зæронд мæгуыр усы хуызы равдыста).
— Мæ зæрды дын ахæм лæвар ракæнын ис, — дзуры зин: — цал ныхасы кæнай, уал хатты дæ дзыхæй хаудзæни дидинæг, кæннод та хæзнадуртæ.
Чызг сæхимæ куы ’рбацыди, уæд æм йæ мад тынг хæцыди, æрæгмæ кæй цыди, уый тыххæй.
— Ныббар мын, нана, — загъта чызг, мæгуыр, — кæй афæстиат дæн, уый.
Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ йæ дзыхæй схаудта дыууæ рæсугъд дидинæджы æмæ дыууæ стыр налхъуыт-налмасы.
— Мæнæ диссаг! — дисæй марди мад. — Дæ дзыхæй налхъуыт-налмастæ куы хауы! Уый та цы диссаг у, мæ чызг.
Уæды онг æй йæ чызг никуы схуыдта.
Чызг сыгъдæг зæрдæйæ радзырдта, хъуыддаг куыд уыди, уый. Уымæй алы ныхасæн йæ дзыхæй дидинджытæ æмæ налхъуыт-налмастæ бирæ калдта.
— Афтæ у, уæдæ, хъуыддаг! — загъта мад. — Уырдæм уæд арвитын хъæуы мæ хистæр чызджы... Фаншон, рауай-ма, фен, дæ хо ныхас куы кæны, уæд йæ дзыхæй цытæ хауы, уый! Ды дæр афтæ куы уаис, уый дæ нæ фæнды? Уый зын бакæнæн нæу. Бацу суадонмæ æмæ дæ мæгуыр зæронд ус дон нуазынæн куы ракура, уæд ын уæздан æгъдауæй авæр дон.
— Æндæр мæ цы хъуыддаг ис, — загъта тызмæгæй чызг, — ныр та суадонмæ цæуон донмæ!
— Æз дын афтæ зæгъын, цæугæ ныртæккæ! — схъæртæ йыл кодта йæ мад.
Хистæр чызг бирæ фæхъуыр-хъуыр кодта, стæй уæддæр араст и донмæ. Сæ хæдзары æвзист дурынтæй рæсугъддæр кæцы уыди, уый йемæ ахаста.
Куыддæр суадонмæ бахæццæ, афтæ йæм хъæдæй рацыди хæрз аив арæзт сылгоймаг, æмæ дзы ракуырдта дон нуазынæн. Уый та уыди кæстæр хомæ цы зин рацыди, уый. Фæлæ ацы хатт йæхи равдыста хорз дарæсы мидæг, цæмæй сбæрæг кодтаид чызджы хъалдзинад цæй бæрц у, уый.
— Æз ардæм уый тыххæй не ’рбацыдтæн, æмæ дæ хуызæттæн дон дæттон! — схъæл ныхасæй загъта чызг. — Ацы æвзист дурын дæр уый тыххæй куы рахастон, æмæ дзы дæ хуызæттæн дон дарон!.. Цæй, уæд та фæуæд, баназ, кæд дæ афтæ фæнды, уæд.
— Куыд уынын, афтæмæй иттæг уæздæттæй нæ дæ, — загъта зин, мæсты не сси, афтæмæй. — Фæуæд афтæ дæр! Цы дын æмбæлы, уыцы лæвар ракæнын дæуæн дæр мæ бон у: цал ныхасы кæнай, уал хатты-иу дæ дзыхæй сбырæд калм, кæннод та дзы сгæпп кæнæд хæфс.
— Гъы, цы фæдæ, мæ чызг? — афарста йæ мад, йæ чызджы куы ауыдта, уæд.
— Æмæ дæ цы хъæуы, нана? — дзуапп ын радта чызг. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ йæ дзыхæй сбырыдис дыууæ сау калмы æмæ дыууæ хæфсы.
— Мæнæ мыл цы æрцыдис!.. — сæрдиаг кодта мад. — Уый иууылдæр дæ хойы аххос у — æз ын бацамондзынæн! — Æмæ кæстæр чызгмæ нæмынмæ фæци.
Чызг, мæгуыр, алыгъди æмæ хъæды кæмдæр бамбæхсти. Уым ыл æрбамбæлдис паддзахы фырт, цуанæй раздæхти, афтæмæй.
Чызджы рæсугъддзинадыл дис кодта паддзахы фырт. Бафарста йæ — ам зыбыты иунæгæй цы ми кæныс, стæй цæуыл кæуыс, зæгъгæ.
— Ехх, æлдар, мæ мад мæ нæ хæдзарæй ратардта!
Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, паддзахы фырт бафиппайдта чызджы дзыхæй кæй схаудта цыппар налхъуыт-налмасы. Æмæ ракуырдта чызгæй, уый цы хабар у, уый йын куыд радзура, афтæ.
Чызг ын сæ иууылдæр радзырдта. Чызг паддзахы фырты зæрдæмæ тынг фæцыдис. Акодта йæ сæхимæ æмæ йæ йæхицæн усæн ракуырдта.
Хистæр хо та афтæ нывзæртæ, æмæ æппындæр никæйуал зæрдæмæ цыди, йæ мад та йæ сæ хæдзарæй фæсырдта. Йæхимæ дæр æй ничиуал уагъта. Афтæмæй дзæвгар фæхатти, стæй хъæды кæмдæр ныммарди.