æнгуылдзы йас лæппу
Шарль Перро. Аргъæуттæ. Ирон æвзагмæ сæ ратæлмац кодта Булацаты С.
Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад. Дзæуджыхъæу, 1949 аз.
Шарль Перро. Волшебные сказки На осетинском языке. Перевод Булацева С.
Государственное издательство Северо-Осетинской АССР. Дзауджикау, 1949 г.
ШАРЛЬ ПЕРРО
АРГЪÆУТТÆ
СЫРХ ХУД.. 2
ÆНГУЫЛДЗЫ ЙАС ЛÆППУ.. 4
ФÆНЫКГУЫЗ. 8
ФЫНÆЙГОНД РÆСУГЪД.. 11
ЗИН.. 14
ЦЫРЫХЪДЖЫН ГÆДЫ.. 16
РИКЕ-КОЦОРА.. 18
СЫРХ ХУД
Иу хъæуы царди æмæ уыди чысыл чызг, дзæбæх, тынг дзæбæх чызг. Йæ мад æй тынг бирæ уарзта, йæ мады мад та йæ ноджы фылдæр уарзта. Хæларзæрдæ зæронд ус йæ чызджы чызгæн балæвар кодта сырх худ. Чызгыл уыцы худ афтæ хорз фидыдта, æмæ чызгæн йæхи дæр схуыдтой Сырх Худ.
Иу хатт куы уыди, уæд йæ мад гуылтæ скодта æмæ загъта Сырх Худæн:
— Мæ мад æнæфæразгæ у, зæгъгæ, фехъуыстон. Цу æмæ йæ бабæрæг кæн. Мæнæ йын гуыл æмæ иу чысыл дурыны дзаг царв ахæсс.
Сырх Худ уайтагъддæр йæхи арæвдз кодта æмæ фæраст. Бирæ йæ хъуыд цæуын: йæ мады мад царди хъæды æдде æндæр хъæуы.
Сырх Худ хъæды цæуы, цæуы, уалынмæ кæсыæмæ йæм комкоммæ цъæх бирæгъ æрбацæуы. Бирæгъы æрфæндыд чызджы бахæрын, фæлæ тарсти, хъæды хæстæг ран хъæддзаутæ куыстой æмæ уыдонæй. Уæд бирæгъ Сырх Худы афарста:
— Кæдæм цæуыс?
Чысыл чызг, мæгуыр, цæмæй зыдта бирæгътæ фыдуаг сты æмæ семæ ныхас кæнæн кæй нæй, уый, æмæ йын дзуапп радта:
— Цæуын мæ мады мады абæрæг кæнынмæ, мæнæ йын гуыл æмæ чысыл дурыны дзаг царв хæссын.
— Æмæ дард цæры дæ мады мад? — фæрсы йæ бирæгъ.
— Тынг дард, — загъта Сырх Худ. — Уæртæ, уыныс куырой, куыройы æдде хъæу, æмæ уыцы хъæуы кæройнаг хæдзары цæры мæ мады мад.
— Цы, уый зоныс? — загъта бирæгъ. — Мæн дæр фæнды дæ мады мады абæрæг кæнын. Æрмæст ды уæртæ уыцы фæндагыл ацу, æз та ацы фæндагыл, кæддæра нæ раздæр чи бахæццæ уаид.
Бирæгъ равзæрста хæстæгдæр фæндаг æмæ йæ тых, йæ бонæй азгъордта.
Сырх Худ сабыргай цыди. Цæугæ-цæуын йæхицæн æнгузтæ уыгъта, гæлæбуты фæдыл разгъор-базгъор кодта, дидинджытæ тыдта.
Бирæгъ уайтагъддæр зæронд усы хæдзары балæууыдис æмæ дуар бахоста:
— Тук-тук!
— Чи дæ уый? — фæрсы йæ зæронд ус.
— Æз дæн, æз, дæ чызджы чызг Сырх Худ, — загъта бирæгъ цъæхснаг хъæлæсæй. — Мæнæ дын гуыл æмæ иу чысыл дурыны дзаг царв æрбахастон.
Зæронд ус æцæг æнæфæразгæ уыди æмæ хуысгæ кодта. Уымæ гæсгæ хуыссæнæй нæ сыстад, фæлæ йæм радзырдта:
— Дуары бæттæныл дæлæмæ æрхæц æмæ æхгæнæн фегом уыдзæн!
Бирæгъ дуары бæттæныл рахæцыд æмæ дуар байгом.
Бирæгъ зæронд усыл йæхи уыцы иу цæф ныккодта æмæ йæ аныхъуырдта: æртæ боны дæргъы ницы бахордта бирæгъ æмæ тынг æххормаг уыд.
Уый фæстæ бирæгъ дуар сæхгæдта, йæхæдæг бавдæлд æмæ зæронд усы хуыссæны схуыссыди æмæ æнхъæлмæ кæсы Сырх Худы æрбацыдмæ.
Чысыл фæстæдæр Сырх Худ æрбахæццæ æмæ дуар бахоста:
— Тук-тук!
— Чи дæ уый? — райхъуыст Сырх Худмæ бирæгъы бæзджын хъæлæс.
Сырх Худ фыццаг фæтарсти, стæй ахъуыды кодта, æвæццæгæн, нана ныффæсус æмæ йæм бадзырдта:
— Æз дæн, æз, дæ чызджы чызг Сырх Худ. Мæнæ дын гуыл æмæ чысыл дурыны дзаг царв æрбахастон.
— Дуары бæттæныл æрхæц æмæ дуары æвдузæн фегом уыдзæни, — радзырдта бирæгъ, фæлмæндæр хъæлæсæй дзурыныл фæлваргæйæ.
Сырх Худ бæттæныл рахæцыд æмæ дуар байгом.
Сырх Худ куыддæр уатмæ бацыд, афтæ бирæгъ хъæццулы бын амбæхст æмæ дзуры:
— Гуыл æмæ дурын чырыны сæр æрæвæр, дæхæдæг ардæм рацу æмæ мемæ æрхуысс, чысыл дæ фæллад суадз.
Сырх Худ хуыссæны æрхуыссыди.
— Нана, — дисгæнгæ йæ фæрсы, — ахæм стыр къухтæ дæ цæмæн хъæуы?
— Тынгдæр дæ цæмæй ныхъхъæбыс кæнон, уый тыххæй, мæ хъæбул.
— Нана, ахæм стыр къæхтæ та дæ цæмæн хъæуы?
— Тагъддæр цæмæй згъорон, уый тыххæй, мæ чысыл хъæбул.
— Нана, ахæм стыр хъустæ та дæ цæмæн хъæуы?
— Хуыздæр цæмæй хъусон, уый тыххæй, мæ хъæбул.
— Нана, ахæм стыр цæстытæ та дæ цæмæн хъæуы?
— Хуыздæр цæмæй уынон, уый тыххæй, мæ хъæбул.
— Нана, ахæм егъау дæндæгтæ та дæ цæмæн хъæуы?
— Уыцы иу хæрд дæ цæмæй акæнон, уый тыххæй.
Ахæм ныхæстæ кæнгæйæ, бирæгъ уыцы иу лæбурд фæкодта чызгмæ æмæ йæ аныхъуырдта.
Уыцы рæстæджы хæдзары цурты хъæддзаутæ сæ куыстæй æрцæйцыдысты. Цæйдæр хъæр сæ хъустыл ауади, хæдзармæ бауадысты, зæронд усы хуыссæны ауыдтой бирæгъы, уайтагъд æй амардтой. Йæ гуыбын ын акъæртт кодтой, æмæ йын йæ гуыбынæй æнæхъæнæй систой зæронд ус æмæ Сырх Худы.
ÆНГУЫЛДЗЫ ЙАС ЛÆППУ
Кæддæр цардысты æмæ уыдысты хъæддзау æмæ йæ ус. Уыдис сын авд сывæллоны — иууылдæр лæппутæ. Се ’ппæты кæстæрыл цыдис авд азы.
Кæстæр лæппу куы райгуырди, уæд хæрз чысыл уыди, — æнгуылдзæй чысыл стырдæр, хонгæ дæр æй уымæн кодтой Æнгуылдзы йас лæппу. Æфсымæртæ йæ нæ уарзтой æмæ йæ æфхæрдтой, хæдзары куыстæй цы уыдис, уыдон иууылдæр уымæн кæнын кодтой. Афтæмæй та Æнгуылдзы йас лæппу иннæтæй зондджындæр æмæ дзырдарæхстдæр уыди. Ныхас къаддæр кодта, хъусгæ та фылдæр.
Хъæддзау тынг мæгуыр цард кодта, æмæ йын уыйбæрц бирæ бинонтæ хæссын зын уыдис.
Иу аз хор не ’рзад, æмæ æххормаг аз скодта, æмæ сын цæрын бынтон фæзын.
Иу хатт изæрæй хъæддзау йæ усимæ арты фарсмæ бадти, лæппутæ та хуысгæ скодтой. Фыр сагъæсæй йæ зæрдæ ныхас кæнын дæр нæ тардта, фæлæ уæддæр загъта йæ усæн:
— Нæ сывæллæтты схæссын нæ бон нæ бауыдзæни, уый дæхæдæг уыныс, нæ цæстыты раз æххормагæй мæлой, уый та мæ фæндгæ нæ кæны. Цæй æмæ сæ хъæдмæ дард аласæм æмæ сæ уым ныууадзæм. Уыцы хъуыддаг зын бакæнæн нæу — цалынмæ уыдон суджы къæцæлтæ æмбырд кæной, уæдмæ мах сусæгæй рахъуыздзыстæм.
— Уый та куыд, — сæрдиаг кодта хъæддзауы ус, — нæ сывæллæтты фесафын куыд сфæнд кодтай? — Йæхæдæг ставд цæстысыгæй ныккуыдта.
Лæг ын уæддæр дзуры, мæгуыр кæй сты, зын сын кæй уыдзæни, сæ сывæллæттæ æххормагæй куы мæлой, уæд уыдонмæ кæсын. Фæстагмæ ус дæр сразы лæджы фæндыл.
Æнгуылдзы йас лæппу фынæй нæ кодта, æмæ хъуыста йæ мад æмæ йæ фыды ныхæстæм. Суанг бонмæ нал бафынæй, цы бачындæуа, зæгъгæ, ууыл хъуыды кодта.
Æнгуылдзы йас лæппу боныцъæхæй фестади æмæ доны былмæ ацыди. Уым æрæмбырд кодта лыстæг урс дуры къæрттытæ æмæ сæ йæ дзыппытæ байдзаг кодта, æмæ сæхимæ ссыди. Æхсæвы цы фехъуыста, уый æфсымæртæй никæмæн загъта.
Хъæддзау йæ сывæллæтты хъæдмæ акодта. Æнгуылдзы йас лæппу цыди се ’ппæты фæстæ. Йæ дзыппæй иста урс дуры къæрттытæ æмæ сæ иугай-дыгай фæндагыл æппæрста.
Бахæццæ сты тар хъæды астæумæ. Хъæддзау райдыдта бæлæстæ калын, лæппутæн та уистæ æмбырд кæнын æмæ бæттын кодта. Сывæллæттæ кусын куы райдыдтой, уæд мад æмæ фыд сындæггай сæхи райстой, æмæ сывæллæттæй дзæвгар куы рауадысты, уæд ралыгъдысты иу къæдз-мæдз къахвæндагыл. Чысыл фæстæдæр лæппутæ куы бамбæрстой, иунæгæй кæй баззадысты, уый, уæд сæ тых, сæ бонæй хъæр кодтой æмæ куыдтой.
— Ма тæрсут, ме ’фсымæртæ, — загъта сын Æнгуылдзы йас лæппу, — æз уæ хъæдæй акæндзынæн æмæ уæ нæхимæ ныххæццæ кæндзынæн. Мæ фæдыл цæут!
Æфсымæртæ рацыдысты йæ фæдыл, æмæ сæ Æнгуылдзы йас лæппу сæ хæдзармæ æрхæццæ кодта, хъæдмæ цы фæндагыл ацыдысты, раст уыцы фæндагыл. Лæппутæ хæдзармæ æвиппайды бацæуын нæ баууæндыдысты, фæлæ дуаргæрон æрныгъуылдысты, сæ мад æмæ сæ фыд цы ныхас кæнынц, уымæ байхъусыны тыххæй.
Хъæддзау йæ усимæ хъæдæй куыддæр æрыздæхтысты сæхимæ, афтæ йын, кæмæ куыста, уыцы хицау дæс сызгъæрины æрбарвыста. Уыцы æхца дзы рагæй дардта хицау, хъæддзау сын райсын æнхъæл дæр нал уыди.
Хъæддзау уайтагъд йæ усы дзидзауæйгæнæгмæ арвыста. Ус балхæдта дзидза, дыууæйæ сæ æхсæвæрæн цас хъуыди, уымæй æртæ хатты фылдæр. Рагæй уыдысты æххормаг.
Æхсæвæр куы бахордтой æмæ куы бафсæстысты, уæд ус лæгæн дзуры:
— Афонмæ цы фесты нæ мæгуыр сывæллæттæ?.. Уый иууылдæр ды уыдтæ! Ды æрхъуыды кодтай уыдон хъæды ныууадзын. Дзырдтон дын, фæсмон фæкæндзыстæм, зæгъгæ. Афонмæ цы ми кæнынц? Чи зоны, æмæ сæ бирæгътæ бахордтой! — Йæхæдæг хъæрæй ныккуыдта. — Кæм стут, мæ сывæллæттæ, мæ чысыл хъæбултæ?
Сывæллæттæ дуарæй хъуыстой мады ныхæстæм æмæ æмхуызонæй схъæр кодтой:
— Ам стæм! Ам!
Мад сын дуар кæнынмæ фæци, фыр цинæйсын хъæбыстæ кæны æмæ сын дзуры:
— Цы æхсызгон мын у уæ фенд, мæ зынаргъ сывæллæттæ! Æвæццæгæн, бафæлмæцыдыстут, стæй æххормаг дæр уыдзыстут.
Лæппутæ фынджы алыварс абадтысты æмæ хæринагыл сæхи ныццавтой. Сæ фыд æмæ сæм сæ мад кæсынтыл фесты фыр цинæй. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд авдæй дæр, кæрæдзийæн дзурыны бар дæр нал лæвæрдтой, афтæмæй ныхас кодтой, хъæды куыд тарстысты, уый тыххæй.
Хъæддзау æмæ йæ ус тынг амондджын уыдысты, сæ сывæллæттæ сæхимæ кæй сты, уымæй. Фæлæ уыцы циндзинад ахаста, цалынмæ сын дæс сызгъæрины фаг кодтой, уæдмæ. Сызгъæринтæ куы фесты æмæ та æххормаг кæнын куы байдыдтой, уæд та ныййарджытæ сагъæсы бацыдысты æмæ та сфæнд кодтой, сывæллæтты хъæдмæ фæкæнын. Ацы хатт сывæллæттæ сæхимæ фæндаг цæмæй мауал ссардтаиккой, уый тыххæй сæ дарддæр акæнын фæнд скодтой. Хъæддзау æмæ йæ ус сусæгæй баныхас кодтой, фæлæ та сæм Æнгуылдзы йас лæппу хъуыста.
Райсомæй та раздæр сыстади, дуртæ æмбырд кæнынмæ ацæуыны тыххæй. Фæлæ дуар фидар æхгæд разынди, æмæ йын хæдзарæй æддæмæ рацæуæн нæ уыд. Æнгуылдзы йас лæппу катай кæнын байдыдта, уæдæ ма цы акæнон ныр, зæгъгæ. Мад сывæллæттæй алкæмæн дæр дзулы кæрдих куы радта, уæд Æнгуылдзы йас лæппу дзулы кæрдих йæ дзыппы цæвæрдта дурты бæсты.
Фыд æмæ та мад сывæллæтты акодтой дарддæр, тардæр цы хъæд уыди, уырдæм æмæ та сæ уым ныууагътой, сæхæдæг та рахъуызыдысты.
Æнгуылдзы йас лæппу мæт нæ кодта. Æнхъæл уыдис сæхимæ фæндаг æнцонæй ссарын, фæндагыл цы дзулы муртæ фæкалдта, уыдонмæ гæсгæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауади! Дзулы муртæй иу дæр нал ссардта: цъиутæ сæ æруыгътой..
Лæппутæ бынтондæр нынкъард сты. Куыд дарддæр цыдысты, афтæ фæндаг бынтондæр нал ардтой æмæ тар хъæды арфæй-арфдæр цыдысты.
Æрталынг. Тыхджын дымгæ сыстад. Сывæллæттæ тынг фæтарстысты. Цыма алырдыгæй бирæгътæ ниуынц æмæ сæ бахæрдзысты, уыйау сæм касти. Лæппутæ ныхас кæнын дæр æмæ фæстæмæ фæкæсын дæр нал уæндыдысты.
Уалынмæ стыр къæвда рацыди, æмæ сывæллæттæ бынтондæр ныххуылыдз сты. Сæ развæндаг нал уыдтой, къахдзæфæн калд кодтой, цъыфæй сæхи сызмæстой, куы-иу сыстадысты, уæд та-иу фæстæмæ фæкалдысты.
Тынг куы сфæлмæцыдысты, уæд сæ Æнгуылдзы йас лæппу баурæдта, йæхæдæг бæласы цъупмæ сбырыд, кæд хæстæг искуы фæндаг ис, зæгъгæ, уымæ акæсыны тыххæй. Фæйнæрдæм куы акасти, уæд æм хъæды æдде дардæй цырагъы гæзæмæ рухс фæзынди.
Æнгуылдзы йас лæппу бæласæй æрхызти æмæ йе ’фсымæрты акодта рухс æм кæцæй ферттывта, уыцырдæм.
Бирæ фæцыдысты, фылдæр хатт-иу цырагъы рухс дæр нал уыдтой. Фæстагмæ уæддæр рахызтысты хъæды кæронмæ æмæ, рудзынгæй рухс кæцæй цыди, уыцы хæдзар ауыдтой. Бацыдысты йæм. Дуар бахостой. Иу ус сын дуар бакодта æмæ сæ афарста, цы уæ хъæуы, зæгъгæ.
Æнгуылдзы йас лæппу йын бамбарын кодта, фæндаг кæй нал арынц, уый, æмæ усæн балæгъстæ кодта мидæмæ сæ цæмæй бауадза, уый тыххæй. Сылгоймаг скуыдта æмæ загъта:
— Мæгуыр уæ бон, мæнæ сывæллæттæ, кæдæм æрбахаудтат! Ам, чысыл сывæллæтты чи хæры, уыцы лæгхор куы цæры, уæд мидæмæ кæдæм цæут!
— О, хорз ус, уæдæ цы бакæнæм, — зæгъгæ, загъта Æнгуылдзы йас лæппу, уазал æмæ фыр тæссæй ризгæйæ. Ацы æхсæв нæ куы нæ бавæрат, уæд нæ уæддæр бирæгътæ бахæрдзысты хъæды. Уадз æмæ нæ фæлтау лæгхор бахæрæд. Чи зоны ма нын уый тæригъæд уæддæр бакæна, ды йын тынг куы балæгъстæ кæнай, уæд.
Лæгхоры ус ахъуыды кодта, чи зоны, æмæ йæ бон бауа райсоммæ сывæллæтты йæ мойæ бамбæхсын. Бауагъта сæ мидæмæ æмæ сæ арты фарсмæ сбадын кодта. Артыл та лæгхорæн æхсæвæрмæ уæхстыл физонæг кодта æнæхъæн фыр.
Сывæллæттæ артмæ сæхи чысыл ахъарм кодтой, уалынмæ сæм æрбайхъуысти дуары тыхджын гуыппытæ. Уый лæгхор сæхимæ æрбацæйцыд. Лæгхоры ус сывæллæтты сынтæджы бын амбæхста, йæхæдæг дуар кæнынмæ ауади.
Лæгхор йæ усы афарста, æхсæвæр цæттæ у, сæн байгом кодта æви нæ, æмæ уайтагъд фынджы фарсмæ æрбадти. Фыр æххæст фых нæма уыди, фæлæ йæ уæддæр хæрын райдыдта. Афтæ йæм адджындæр касти.
Уалынмæ фæйнæрдæм акæстытæ кодта, уæлдæфмæ басмыста æмæ загъта, адæймаджы тæф мæ былтыл ауад, зæгъгæ.
— Раст зæгъыс, ныртæккæ цы род бастыгътон, уый тæф у, — зæгъгæ, дзуапп радта ус.
— Æз дын зæгъын, ног адæймаджы тæф цæуы кæцæйдæр! — ныллæууыдис лæгхор æмæ усмæ æнæууæнк каст кæны. — Куыд дæм кæсын, афтæмæй мæ цыдæр æмбæхсыс.
Лæгхор фынгæй сыстад æмæ сынтæгмæ бараст.
— Уæдæ мæ фæсайынмæ хъавыдтæ! — загъта лæгхор. Дæуæн дæхи раджы хъуыдис бахæрын, фæлæ дæ амонд у æмæ æгæр зæронд дæ. Адон та, чи хъæуы, ахæмтæ сты! А-дыууæ боны мæм хъуамæ ме ’ртæ хæлары фæзыной, æмæ сæ цæмæй суазæг кæнон, уый мæм уыдзæни ныр.
Æмæ лæппуты сынтæджы бынæй иугай-дыгай раласта.
Сывæллæттæ, мæгуыр, йæ разы сæ зонгуытыл æрлæууыдысты æмæ йын лæгъстæ кæнын райдыдтой, бахатыр нын кæн, зæгъгæ. Фæлæ уый уыди лæгхортæн сæ тæккæ æнæхатырдæртæй. Лæппутæн æппындæр тæригъæд нæ кодта æмæ сæ уыцы зыд рауын-бауын кодта.
— Хорз лывзæ сæ рауайдзæни! — загъта йæ усæн. — Уæлдайдæр сын чысыл басгонд куы скæнай, уæд.
Лæгхор райста кард æмæ йæ райдыдта сигæцыл цыргъ кæнын.
Лæппутæй иуы йе ’фцæгготæй куы систа, уæд æм йæ ус бадзырдта:
— Æнафон уыдон куысты цы бацыдтæ? Райсом дын нæ фæуыдзысты, æви цы? Дзидза дын нырма бирæ куы ис! Æнæхъæн род, дыууæ фысы, стæй ма иу хуыйы æрдæг.
— Æвæдза, раст зæгъыс, — загъта лæгхор. — Æхсæвæрыл сæ хорз бафсад, цæмæй ма смæллæг уой, æмæ сæ схуыссын кæн.
Зæрдæхæлар сылгоймаг тынг сцин кодта æмæ сывæллæттæн уайтагъд æхсæвæр авæрдта. Фæлæ сывæллæттæн тæссæй сæ хъуыры хæринаг нæ цыд.
Лæгхор, йæ хæлæртты хорз фендзæни, зæгъгæ, та уый цинæй нуазын райдыдта сæн. Фыр цинæй дзы дзæвгар анызта, срасыг и, хуыссæны бахаудта æмæ бафынæй.
Лæгхорæн уыдис авд чызджы. Чысыл чызджытæ, сæ фыдау хордтой хом дзидза, уый тыххæй уыдысты сырхуадул. Чызджытæ уыдысты сæгъдзаст, тымбыл хæрз чысыл цæстытæ, сæ фындзтæ къæдз, сæ дзыхтæ стыртæ, зындысты сæ даргъ, цыргъ æмæ стæм дæндæгтæ. Чызджыты-иу схуыссын кодтой раджы. Авдæй дæр хуыссыдысты иу егъау сынтæгыл, алкæуыл дæр дзы уыди сызгъæрин худ.
Уыцы уаты ма уыди ноджыдæр иу ахæм стыр сынтæг. Æмæ уым та авд лæппуйы схуыссын кодта лæгхоры ус.
Æнгуылдзы йас лæппу куы хуыссыди, уæд бафиппайдта лæгхоры чызджытыл сызгъæрин худтæ. Лæппу бавдæлд æмæ æхсæвыгон сыстади, йе ’фсымæрты сæртæй худтæ систа, йæхи худ дæр систа, афтæмæй сындæггай бацыди лæгхоры чызджытæм æмæ сыл йе ’фсымæрты худтæ æмæ йæхи худ ныккодта, чызджыты сызгъæрин худтæ та йе ’фсымæртыл æмæ йæхиуыл ныккодта. Тарсти, лæгхормæ æхсæвы мыййаг æндæр хъуыды куы æрцæуа, æмæ сæ æхсæвыгон куы аргæвда, уымæй.
Æнгуылдзы йас лæппу куыд æнхъæл уыди, хъуыддаг афтæ рауад. Лæгхор æмбисæхсæв райхъал æмæ фæсмон кодта, абон бакæнинаг чи уыд, уый райсоммæ цæмæн ныууагътон, зæгъгæ. Хуыссæнæй фестад æмæ йæ кард райста.
— Цон æмæ мæ лывзæ абæрæг кæнон, — загъта лæгхор.
Хъуызгæ æмæ уырзæй сгаргæ бацыдис йæ чызджыты уатмæ, бацыди лæппутæ кæм хуыссыдысты, уыцы сынтæгмæ. Æнгуылдзы йас лæппу фынæй нæ уыди. Лæгхор ын йæ къух йæ сæрыл куы æруагъта, уæд лæппуйæн фыр тæссæй йæ уд бынтондæр ауад. Фæлæ лæгхор йæ уырзтæ сызгъæрин худыл куы æрхаста æмæ йæ куы бамбæрста, уæд загъта:
— Чысыл ма бахъæуа, бæллæх скæнон! Бæрæг у, знон æгæр кæй анызтон, уый.
Уый фæстæ бацыди йæ чызджыты сынтæгмæ, йæ уырзтæй асгæрста худтæ.
— Ам сты! — загъта лæгхор. — Цæй, ныр райдайон! Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, райдыдта йæ чызджыты æргæвдын.
Куыст куы фæци, уæд та фæстæмæ схуыссыди æмæ бафынæй.
Æнгуылдзы йас лæппу куыддæр фехъуыста лæгхоры хуыр-хуыр, афтæ райхъал кодта йе ’фсымæрты, сæ гæрзтæ сын скæнын кодта æмæ, тагъд нæ фæндаг дарæм, зæгъгæ, сын бамбарын кодта. Лæппутæ сындæггай цæхæрадонмæ ныххызтысты, уырдыгæй быруйы сæрты агæппытæ кодтой. Æхсæв-бонмæ фæуадысты, кæдæм цыдысты, уый сæхæдæг дæр нæ зыдтой, лидзгæ кодтой, фæлæ фыр тæссæй æмризæджы рызтысты.
Лæгхор райсомæй куы райхъал, уæд дзуры йæ усмæ:
— Уæлæмæ ссу æмæ зноны лæппуты фæндагмæ барæвдз кæн.
Усмæ тынг диссаг фæкасти, йæ лæг афтæ хæларзæрдæ кæй разынди, уый. Афтæ æнхъæлдта, йæ лæг лæппуты сæхимæ æрвитын кæны. Ус уæлæмæ ссыди, уатмæ бацыди, æмæ йæ чызджыты иууылдæр мардæй куы ауыдта, уæд йæхæдæг дæр уым æрхаудта.
Ус æгæр æрæгмæ куы здæхти, уæд лæгхор йæхæдæг ацыди йæ фæдыл. Куы бакаст æмæ ахæм æбуалгъы хабар куы федта, уæд хорзау нал фæци æмæ сагъдауæй аззади.
— Уæу, мæнæ цы бакодтон! — нырдиаг кодта лæгхор. — Цæй, хорз!.. Æз сын бацамондзынæн уыцы æвзæртæн... Усай! Мæ тагъддзу цырыхъхъытæ мын радав, æз сæ ныртæккæ рацахсон.
Лæгхор лæппуты фæсте асырдта. Бирæ фæрахау-бахау кодта, фæстагмæ бафтыди, сывæллæттæ, мæгуыр, кæуылты лыгъдысты, уыцы фæндагыл. Сывæллæтты сæ хæдзармæ бирæ нал хъуыди, афтæ ауыдтой лæгхоры. Хохæй хохмæ къахдзæф кодта, стыр доны сæрты уыцы иу гæпп кодта, цыма чысыл доны сæрты хызти, уыйау.
Æнгуылдзы йас лæппу рацагуырдта иу чысыл лæгæт, йе ’фсымæрты уым бамбæхста, йæхæдæг æрныгъуылд æмæ кæсы, лæгхор цы ми кæндзæни, уымæ. Лæгхор дзæгъæл уадæй сфæлмæцыд æмæ аулæфын фæнд скодта. Æрбадти, лæппутæ цы къæдзæхы бын æмбæхст уыдысты, уыцы къæдзæхыл, æмæ уайтагъд афынæй.
Фынæйæ афтæ хуыр-хуыр кодта, æмæ сывæллæттæ, лæгхор знон стыр кард куы цыргъ кодта, уæд куыд фæтарстысты, уымæй ныр дæр къаддæр нæ фæтарстысты. Фæлæ Æнгуылдзы йас лæппу нæ фæтарсти. Йе ’фсымæртæн загъта, цалынмæ лæгхор тарф фынæй у, уæдмæ нæхимæ лидзгæут, зæгъгæ. Æфсымæртæ йæм байхъуыстой æмæ сæ тых, сæ бонæй лидзын байдыдтой.
Æнгуылдзы йас лæппу лæгхормæ сабыргай бахъуызыди, сындæггай йын йæ тагъддзу цырыхъхъытæ раласта æмæ сæ уайтагъд йæхи къæхтыл акодта. Уыцы стыр уæрæх цырыхъытæм уыдис иу диссаджы миниуæг: стыр дæр кодтой, стæй чысыл дæр кодтой æмæ сæ-иу йæ уæлæ чи скодта, уымæн-иу куыд хъуыди, афтæ уыдысты. Уымæн уыдысты уыцы цырыхъытæ Æнгуылдзы йас лæппуйы аккаг, раст цыма уый тыххæй хуыд уыдысты, афтæ.
Æнгуылдзы йас лæппу тагъддзу цырыхъхъытæ йæ къæхтыл куы скодта, уæд уыцы иу растæй бацыди паддзахы галуанмæ. Паддзах та уыцы рæстæджы хæцыди йæ сыхаг паддзахимæ. Уымæн раст йæ хæд размæ хъуамæ уыдаид стыр хæст, фæлæ цæуыл ахицæн хæст, уымæн ничи ницы зыдта. Æфсæдтæ афтæ дард уыдысты, æмæ цыфæнды дугъон бæх дæр не ’рбахæццæ уыдаид уырдыгæй æртæ къуырийæ раздæр.
Æнгуылдзы йас лæппу паддзахмæ ныллæууыдис тагъддзу-фæдисонæй. Æмæ уыцы изæр паддзахмæ æрбахаста хæстæй хорз хабæрттæ. Паддзахæн æхсызгон уыдысты уыцы хабæрттæ æмæ лæппуйæн бирæ хорз лæвæрттæ бакодта. Хъæздыг лæвæрттимæ Æнгуылдзы йас лæппу йæ хæдзармæ, йæ ныййарджытæм ныффардæг. Уæдæй фæстæмæ хорз цæрын райдыдтой, хъуагдзинад нал зыдтой.
ФÆНЫКГУЫЗ
Иу хъæздыг лæгæн йæ ус куы амарди, уæд та ракуырдта иу идæдз усы, сæрыстыр æмæ хиппæлой чи уыди, ахæм. Усæн уыди дыууæ чызджы, алы æгъдауæй дæр уыдысты сæ мады хуызæн, уыдон дæр сæ мадау сæрыстыртæ. Лæгæн та уыдис иунæг чызг, сабыр æмæ хæларзæрдæ, алы æгъдауæй дæр йæ мады хуызæн.
Чындзæхсæв куыддæр ахицæн, афтæ дын ус уайтатъд райдыдта йе ’взæр митæ кæнын. Фыццаг æрбацыдæй нæ бауарзта йæ лæджы чызджы, рæсугъд æмæ хæларзæрдæ кæй уыди, уый тыххæй. Уый цур ын йæ чызджытæм кæсгæ дæр ничи кодта, афтæ фыдуынд уыдысты. Фыды ус хæдзары куыстытæ иууылдæр кæнын кодта мæгуыр сидзæр чызгæн: мигæнæнтæ æхсын, асинтæ мæрзын, пъолтæ сæрфын æмæ æнд.
Сидзæр чызджы хуыссын кодтой цары æвзæр хъæмпын лыстæныл. Усы чызджытæ та цардысты рæсугъд уæтты, хорз сынтæджытæ, стыр кæсæнтæ æмæ алцы æппæт кæм уыди, ахæм райдзаст уæтты. Адæймаг сæ йæхи уыдта, ахæм уæтты.
Сидзæр чызг, мæгуыр, алцæмæй дæр æфхæрд æййæфта, фæлæ йæ фыдмæ нæ уæндыди бахъаст кæнын. Фыд æм уæддæр нæ байхъуыстаид, уымæн æмæ алцæмæй дæр йæ ног усы коммæ касти.
Сидзæр чызг-иу йæ куыстытæ куы фæци, уæдиу артдзæстмæ бацыди æмæ-иу уым фæныкыл сбадти. Уый тыххæй йæ схуыдтой Фæныкгуыз. Усы чызджытæй хистæр уæлдай налатдæр уыди, æмæ уый та сидзæр чызджы хуыдта Чъиллон.
Дыууæ хойы кæд цыфæнды хорз арæзтой сæхи, уæддæр Фæныкгуыз уыдонæй сæдæ хатты рæсугъддæр уыди йæ чъизи дзаумæтты.
Иухатт паддзахы фырт куывд скодта æмæ йæ паддзахады цыдæриддæр хъæздыг адæмæй уыди, уыдон æрхуыдта. Уырдæм хуынд уыдысты Фæныкгуызы хотæ дæр. Тынг æхсызгон сын уыди æмæ сæхи райдыдтой цæттæ кæнын. Фæныкгуызæн та ног куыст: йæ хотæн сæ дзауматыл иту æвæрын, уыдоны сыгъдæг кæнын æмæ æнд.
Фыр цинæй дыууæ хойы дыууæ боны ницы бахордтой, нарæгастæутæ цæмæй зындаиккой, уый тыххæй, æппынæдзух кæсæнмæ кастысты сæхимæ.
Сæхи хуыздæр цæмæй саразой æмæ сæхи хуыздæр цæмæй равдисой, æдзухдæр уый кой кодтой.
— Æз мæ крузаваджын сырх хъæдабæ къаба скæндзынæн, — загъта хистæр хо.
— Æз та, — загъта кæстæр хо, — мæ сызгъæрин дидинæгджын уæлæфтау æрбакæндзынæн, мæ бриллиантджын рон бабæттдзынæн.
Хотæ сæхи куыд хуыздæр саразой æмæ сæхи куыд хуыздæр равдисой, уымæй фарстой Фæныкгуызы, уымæн æмæ уый ахæмтæм рæвдздæр уыди. Аивдæр æмæ хуыздæр куыд уыдзæни, уыдæттæ сын амыдта Фæныкгуыз, суанг ма сын сæ дзыккутæ дæр ныффаста.
Йæ хотæн сæ дзыккутæ куы фаста, уæд æй радыгай фарстой:
— Фæныкгуыз, дæу нæ фæнды хъазтмæ ацæуын?
— О, мæ хотæ, цæмæн мæ хъазут! Мæн та уырдæм чи уадзы.
— Раст зæгъыс: ахæм чъизийæ уырдæм куы бацæуай, уæд дыл худдзысты.
Уымæй æндæр куы уыдаид, уæд сын сæ дзыккутæ æвзæр ныффастаид, сæ дзаумæттæм сын нæ базылдаид афтæ бæстон, фæлæ Фæныкгуыз зæрдæхæлар уыди æмæ хоты, хуыздæр куыд æмбæлд, афтæ срæвдз кодта.
Уалынмæ сæ цæуын афон æрхæццæ: хотæ сбадтысты къареты æмæ афардæг сты паддзахы галуанмæ. Фæныкгуыз сæ фæстæ дзæвгар фæкасти, æмæ куы фæаууон сты, уæд скуыдта.
Уалынмæ йæ уæлхъус æрбалæууыд йæ мады хо. Фæныкгуызы кæугæ куы федта, уæд æй фæрсы, цы кæныс, зæгъгæ.
— Мæн дæр фæнды... тынг мæ фæнды...
Йæхæдæг ставд цæссыгæй афтæ ныккуыдта, æмæ йæ бон дзурын дæр нал уыди. Уæд æй йæ мады хо фæрсы (йæ мады хо та уыди хинтæгæнæг):
— Фæнды дæ хъазтмæ ацæуын?
— Тынг мæ фæнды! — ныуулæфыд æмæ загъта Фæныкгуыз.
— Хорз уæдæ, — загъта мады хо. — Кæд мæ коммæ кæсай, уæд æз афтæ бакæндзынæн, æмæ ды дæр бахаудзынæ хъазтмæ. Ауай цæхæрадонмæ æмæ мын нас æрбахæсс.
Фæныкгуыз уайтагъд азгъордта цæхæрадонмæ, настæн сæ тæккæ хуыздæр ратыдта æмæ йæ æрбахаста йæ мады хомæ. Фæлæ не ’мбæрста, нас ын хъазтмæ бахауынæн цы баххуыс кæндзæн, уый.
Хингæнæг ус насы æппытæ ракалдта, ныууагъта ма йын æрмæст йæ цъар. Уый фæстæ йæ йæ хины лæдзæгæй æрцавта. Нас уайтагъддæр рæсугъд, сызгъæрин доны тылд къарет фестади.
Уый фæстæ хингæнæг ус цъысыммæ бакасти æмæ дзы ауыдта æхсæз удæгас мысты. Фæныкгуызæн цъысымы дуар чысыл базыхъхъыр кæнын кодта, цъысымæй мыстытæ иугай-дыгай куыд гæппытæ кодтой, афтæ сæ хингæнæг ус йæ хины лæдзæгæй цавта. Мыст-иу хорз бæх фестади. Уалынмæ æхсæз мыстхуыз рæсугъд бæхы ифтыгъдæй фестадысты.
Хингæнæг ус ахъуыды кодта, бæхтæн скъæрæг цæмæй ачындæуа, зæгъгæ.
— Цон æмæ æз цъысыммæ бакæсон, кæд дзы, мыййаг, уыры ис. Уый та нын бæхтæрæг! — загъта Фæныкгуыз.
— Æцæг зæгъыс! Цу-ма фен дзы, — загъта хингæнæг ус.
Фæныкгуыз цъысым æрбахаста. Цъысымы уыди æртæ стыр уырыйы.
Хингæнæг ус равзæрста уырытæн сæ тæккæ рихиджындæры. Йæ хины лæдзæгæй йæ æркъуырдта, æмæ уырыйы фестын кодта бæхтæрæг — бæзæрхыг, стыр рихитимæ.
Стæй та загъта Фæныкгуызæн:
— Ауай дыргъдонмæ, уым дон пырхкæнæны фæстæ ссардзынæ æхсæз мæкъулæджы æмæ сæ ардæм рахæсс.
Фæныкгуыз мæкъулджытæ æрбахаста. Хингæнæг ус сæ лæггадгæнджытæ фестын кодта. Уайтагъд багæппытæ кодтой къаретмæ фæсте æмæ сæ бынæтты алæууыдысты, цыма цæрæнбонты уыцы куыст кодтой, уыйау.
Уæд хингæнæг ус фæрсы Фæныкгуызы:
— Ныр дын, хъазтмæ цæуыл ацæуай, уый ис. Дæ зæрдæмæ цæуы?
— Мæ зæрдæмæ та куыннæ цæуы. Фæлæ ахæм чъизи къабайы мидæг куыд ацæудзынæн хъазтмæ?
Хингæнæг ус йæ лæдзæгæй гæзæмæ аныдзæвд Фæныкгуызыл. Уайтагъд йæ уæлæ фестади алы зынаргъ дарæс, сызгъæрин æмæ æвзистæй хуыдтæ, алыхуызон хæзнадуртимæ. Хингæнæг ус ма йын радта дыууæ рæсугъд дзабыры, мæйтæ æмæ сæ стъалытæ касти, ахæмтæ. Фæныкгуыз хæрзарæзтæй къареты сбадти.
Фæныкгуыз куы раст кодта, уæд ын хингæнæг ус тынт бафæдзæхста, хъазты æмбисæхсæвæй фæстæдæр куыннæ баззайа, афтæ. Минут фæстæдæр дзы куы баззайа, уæд йæ къарет фæстæмæ нас фестдзæни, бæхтæ мыстытæ фестдзысты, лæггадгæнджытæ — мæкъулджытæ, йæ рæсугъд дарæс та — зæронд къаба фестдзæни.
Фæныкгуыз ын зæрдæ бавæрдта, хъазтæй афоныл кæй раздæхдзæни, уый тыххæй. Йæхæдæг араст и паддзахы галуанмæ, фыр цинæй цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта.
Галуанмæ куы бахæццæ, уæд паддзахы фыртмæ фæхабар кодтой, цавæрдæр паддзахы чызг æрбацыди, æмæ чи у, уый ничи зоны, зæгъгæ. Паддзахы фырт уайтагъд йæ размæ рауади, йæ къух ын райста, къаретæй йæ раргъæвта, æмæ уазджытæ кæм кафыдысты, уырдæм æй бакодта.
Дуарæй куы бахызтысты, уæд адæм æгуыппæгæй аззадысты: сæ хъазт фæурæдтой, фæндыры цагъд фæсабыр — афтæ диссаг сæм фæкасти æнæзонгæ чызджы аив æмæ рæсугъддзинад. Æрмæст ма сæ кæрæдзиимæ сусæгæй дзырдтой:
— Уæртæ цы рæсугъд у, уæртæ!
Паддзах йæхæдæг дæр йæ усæн сусæгæй дзырдта, ахæм рæсугъд æмæ ахæм аив чызг æрæджыты никуыуал федтон, зæгъгæ.
Сылгоймæгтæ йæм цыдысты æмæ йын йæ дарæс рауын-бауын кодтой, цæмæй дзы алчидæр райсом йæхицæн бахуыйын кæна ахæм къаба æмæ ахæм дзабыртæ; хорз хъуымац æмæ сæ афтæ хорз чи бахуыйа, ахæм хуыйджытæ кæд ссарой, уæд.
Паддзахы фырт Фæныкгуызы сбадын кодта тæккæ кадджындæр бынаты, стæй йæ кафынмæ рахуыдта. Чызг афтæ хорз, афтæ аив ракафыд, æмæ йæм адæм джихæй баззадысты.
Уалынмæ уазджыты сбадын кодтой, фынгыл æрæвæрдтой алы хæрд, алы нозт. Паддзахы фырт йæ къух дæр ницæмæ бакодта — æдзух касти Фæныкгуызмæ.
Фæныкгуыз æрбадти йæ хоты фарсмæ. Хъазгæ, худгæйæ ныхас кодта семæ. Паддзахы фырт ын цы апельсинтæ радта, уыдонæй сын авæрдта. Дыууæ хойы дис кодтой, уымæн æмæ йæ нæ базыдтой.
Æмбисæхсæвмæ ма чысыл хъуыди, афтæ Фæныкгуыз уайтагъд фестади, уазджытæн йæ сæрæй акуывта, тагъд разгъордта уатæй, цæст дæр æй нал ауыдта.
Фæныкгуыз сæхимæ куы ссыди, уæд арфæ ракодта хингæнæг усæн æмæ йын загъта, райсом дæр ма йæ кæй фæнды хъазтмæ ацæуын, уымæн æмæ йын паддзахы фырт йæхæдæг загъта, æрбацу-иу, зæгъгæ.
Паддзахы галуаны цы уыди æмæ дзы цы федта, уыдон цалынмæ усæн дзырдта, уалынмæ йæ хотæ дуар æрбахостой. Фæныкгуыз сын дуар кæнынмæ ацыди.
— Цæй бирæ дзы афæстиат стут! — зæгъгæ, сæ афарста йæхæдæг, цыма ныртæккæ райхъал и, уыйау йæ ком ивазы, йæ цæстытæ æууæрды.
— Ды уым куы уыдаис, — дзырдта йæм йæ хотæй иу, — уæд хъæлдзæг уыдаис: хъазтмæ æрбацыдис иу чызг, конд æмæ уындæй ахæм бæстыл нæ разындзæни. Нæ цуры сбадти, немæ тынг хæларæй фæныхас кодта, суанг ма нын апельсинтæ дæр радта.
Фæныкгуызæн тынг æхсызгон уыдысты уыцы ныхæстæ. Йæ хоты афарста, йæ ном та цы хуыйны уыцы чызгæн, зæгъгæ. Уыдон загътой, йæ ном ын ничи зоны. Паддзахы фырт, æвæццæгæн, йæ фæллой иууылдæр раттид, уыцы чызг чи у, уый базоныны тыххæй.
Фæныкгуыз бахудти æмæ загъта:
— Ау, афтæ рæсугъд у? Цы амондджын стут сымах! Æрмæст æм кæсгæ куы бакæнин. Уый фадат мын нæ уыдзæни?..
— Мæ хойы гæбаз, — загъта йæ хотæй иуæн, — дæ бур къаба мын авæр, хæдзары кæй дарыс, уый!
— Æндæр дæ ницы хъæуы? — дзуапп ын радта хо. — Ахæм чъиллонæн дæ къаба ратт! Æрра мæ хоныс, æви цы?
Фæныкгуыз хуыздæр дзуапп æнхъæл нæ уыди. Цы бакодтаид, йæ хо йын йæ къаба куы раттаид, уæддæр?
Дыккаг бон дæр та дыууæ хойы ацыдысты хъазтмæ. Сæ фæдыл та ацыди Фæныкгуыз дæр, фыццаг бон куыд арæзт уыди, уымæй ноджы арæзтдæрæй.
Паддзахы фырт иу минут дæр йæ цурæй нæ цух кодта, æдзух ын хъæлдзæг рæсугъд ныхæстæ кодта. Фæныкгуыз тынг схъæлдзæг, æмæ дзы ферох ис, хингæнæг ус ын цы бафæдзæхста, уый. Афтæ æнхъæлдта, раджы ма у. Уалынмæ æмбисæхсæв фæци. Фæныкгуыз фæгæпп кодта, тагъд азгъордта, сæгуытау. Паддзахы фырт дæр йæ фæдыл, фæлæ йæ нал аййæфта.
Фæныкгуызæн фыр тагъдæй йæ басмахъытæй иу асинтыл аззад. Паддзахы фырт æй систа æмæ дуаргæсты афарста, паддзахы чызг кæуылты ацыдис, уый сæ ничи федта, зæгъгæ. Дуаргæстæ йын дзуапп радтой, æддæмæ ничи рацыдис иу æрыгон чызджы йеддæмæ, æвзæр дарæсы мидæг, æмæ уый паддзахы чызджы хуызæн нæ уыдис, хъæууон чызджы хуызæн уыди, зæгъгæ.
Фæныкгуыз лæфлæфгæнгæ сæхимæ балæууыд, æнæ къарет, æнæ лæггадгæнджытæ, йæ зæронд дарæсты. Йæ хорз дарæсæй йæм ницыуал баззади йæ иу басмахъы йеддæмæ.
Йæ хотæ хъазтæй куы раздæхтысты, уæд сæ Фæныкгуыз афарста ацы хатт дæр афтæ хъæлдзæг уыдысты, стæй та уыцы рæсугъд чызг дæр уым уыди, зæгъгæ.
Хотæ йын дзуапп радтой, рæсугъд чызг дæр уым уыди. Фæлæ æмбисæхсæв куыддæр фæци, афтæ уыцы иу згъорд ракодта, фыр тагъдæй ма йæ иу басмахъ дæр ахаудта. Паддзахы фырт систа басмахъ, равдыста йæ адæммæ æмæ суанг кæронмæ уымæ кæсыныл уыдысты. Паддзахы фырт, æвæццæгæн, тынг бауарзта, басмахъ кæй у, уыцы чызджы.
Хотæ раст загътой. Цалдæр боны фæстæ паддзахы фырт фæсидти фидиуæгтæм æмæ сын загъта, ацæут æмæ паддзахады цыдæриддæр адæм ис, се ’ппæтæн дæр фехъусын кæнут, ацы басмахъ кæй къахы аккаг разына, уыцы чызджы паддзахы фырт ракурдзæни, зæгъгæ.
Басмахъ райдыдтой фæлварын фыццаг паддзахы чызджытæ, стæй хъæздыг адæмты чызджытæ, фæлæ сæ иуæн дæр йæ къахы аккаг нæ разынд.
Басмахъ æрбахастой Фæныкгуызы хотæм дæр. Уыдон дæр æй радыгай фæлвæрдтой, сæ тых, сæ бонæй архайдтой басмахъ скæныныл, фæлæ сын дзы ницы рауади.
Фæныкгуыз дæр уыцы рæстæджы уым фæци, йæ басмахъ базыдта æмæ хъазгæйæ сдзырдта:
— Æри-ма, æз дæр æй бафæлварон, чи зоны, мæ къахы аккаг разына.
Йæ хотæ худæгæй амардысты æмæ дзы райдыдтой хынджылæг кæнын.
Фæлæ басмахъ чи барста чызджыты къæхтыл, уый бакасти Фæныкгуызмæ æмæ рæсугъд куы уыди, уæд загъта:
— Мæнмæ дзырд ис, паддзахады чызгæй чи ис, уыдон се ’ппæтыл дæр басмахъ куыд фенон. Фæныкгуызы сбадын кодта æмæ йыл райдыдта басмахъ барын. Басмахъ уæгъдæй ссыди йæ къахыл, цыма уый къахыл хуыд уыди.
Хотæ уый куы федтой, уæд дисæй амардысты.
Уæлдай дис та фæкодтой, Фæныкгуыз дыккаг басмахъ йæ дзыппæй куы систа, æмæ йæ йе ’ннæ къахыл куы скодта, уæд.
Уыцы сахат уым февзæрди хингæнæг ус. Йæ лæдзæгæй чысыл аныдзæвд Фæныкгуызы дарæсыл æмæ та фæстæмæ уыцы хæрзарæзтæй агæпп ласта.
Уæд дыууæ хойы бамбæрстой, хъазты цы рæсугъд чызг уыди, уый Фæныкгуыз кæй разынди, уый. Йæ разы зоныгуыл æрхаудтой æмæ йын райдыдтой лæгъстæ кæнын, æвзæрдзинадæй йын цы ракодтой, уыдон сын куыд ныххатыр кæна. Фæныкгуыз сæ сыстын кодта, ныхъхъæбыстæ сын кодта æмæ сын загъта, хатыр уын кæнын уæ алцы хъуыддаг дæр, фæлæ уæ курын амæй фæстæмæ мæ куыд уарзат, афтæ.
Фæныкгуызы йæ рæсугъд дарæсты аластой паддзахы галуанмæ. Паддзахы фырт æй куы федта, уæд æм фыццагæй ныр рæсугъддæр фæкасти æмæ йæ цалдæр боны фæстæ ракуырдта.
Фæныкгуыз рæсугъд куыд уыди, афтæ уыди хæларзæрдæ дæр. Йæ дыууæ хойы йæхимæ бакодта æмæ сæ моймæ радта дыууæ хъæздыг лæгæн.